Главная | Обратная связь | Поможем написать вашу работу!
МегаЛекции

Цыппæрæм сæр




Цыппæ рæ м сæ р

«Зондджындæ р» арсы-иу хъуамæ равзæ рстаид Храпон. Арсы лæ ппынтимæ фылдæ р уый архайдта, æ мæ сын сæ миниуджытæ дæ р уымæ й хуыздæ р ничи зыдта. Ахæ м хæ с дæ р ын-иу йæ бæ рны уымæ н бакодтой.

Храпоны дзуапп дæ ттын хъуыд, æ мбаргæ дæ р арсы лæ ппыны равзарын куы нæ бафæ рæ зтаид, уæ д уый тыххæ й дæ р, фæ лæ -иу уый æ дзухдæ р базыдта æ ппæ ты коммæ гæ сдæ ры равзарын. Куыд зонæ м, афтæ мæ й Уырысы арсы кæ мдæ риддæ р хонынц «мишкæ », ныхас кæ й тыххæ й уыдзæ н, уыцы арсæ н та уыд испайнаг фæ сномыг: «Сганарель». Æ нæ хъæ н фондз азы уæ гъдибарæ й фæ цард, фæ лæ иу фыдуаг ми дæ р нæ бакодта. Арсæ й-иу, фыдуаг митæ кæ нын райдыдта, зæ гъгæ, куы загътой, уæ д уый амыдта афтæ: йæ сырдон митæ йæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты æ мæ кæ дæ мдæ р балæ бурдта.

Ахæ м заман-иу «фыдуаджы» иуцасдæ р рæ стæ гмæ, мус æ мæ хъæ ды æ хсæ н уæ рæ х фæ зы цы «дзыхъхъ» уыди, уым ныппæ рстой, стæ й-иу æ й чысыл фæ стæ дæ р æ рдузмæ ауагътой (йæ хæ дæ г-иу хъæ дыл сбырыд) æ мæ -иу ыл æ рыгон «цъулберты» (ома арсыл цуангæ нæ г куыйты хъомыл къæ былаты) сардыдтой. Кæ д-иу къæ былатæ арсыл нæ фæ тых сты æ мæ -иу ын хъæ дмæ алидзынæ й тæ ссаг уыд, уæ д ахæ м заман цæ ттæ йæ лæ ууыдысты, фæ свæ д æ д куыйтæ цы дыууæ цуаноны æ рæ мбæ хст, уыдон æ мæ -иу ын йæ хъуыддаг бакодтой.

Кæ д-иу куыйтæ æ гуыдзæ г разындысты æ мæ -иу арсæ н «сакъадахмæ » (ома хъæ дмæ ) баирвæ зынæ й тас уыд, уæ д-иу йæ размæ даргъ æ мæ уæ ззау дыууæ хстон ерæ дзыппимæ лæ ууыд, дæ сны топпæ йæ хсæ г æ мæ -иу сæ рмагонд æ нцойгæ нæ нæ й пайда кæ нгæ йæ арсыл мæ лæ тхæ ссæ г нæ мыг ауагъта.

Уыцы тæ ссаг уавæ ртæ й иу арс уæ ддæ р искуы аирвæ зт, зæ гъгæ, уымæ н уæ вæ н нæ уыд, уымæ н æ мæ уæ д йæ размæ бадджытæ м се ’ппæ тмæ дæ р æ нхъæ лмæ каст æ вирхъау æ фхæ рд.

Фæ ндзæ м сæ р

Сганарелы зонд æ мæ уæ здандзинады фæ рцы фондз азы дæ ргъы иу арс дæ р йæ мæ лæ т нæ ма ссардта. Уæ дмæ Сганарель сдынджыр, рауад дзы æ нахуыр тыхы хицау, рæ сугъд æ мæ цырд арс. Уыдис ын тымбыл, цыбыр хæ мхуттæ, хæ рзконд уæ нгтæ. Цæ мæ дæ р гæ сгæ зæ рдыл арсы бæ сты лæ ууын кодта стыр цæ ргæ с кæ нæ хæ дзары даргæ гыццыл куыдз пуделы. Йе ’рбадæ нтыл зад цыбыр æ рттиваг хъуынтæ. Йæ уæ хсчытæ æ мæ бæ рзæ й — фæ тæ н æ мæ фидар, даргъ хъуынаæ нгæ с хъуынæ й æ мбæ рзт. Сганарель пуделы хуызæ н уыди зæ рдæ ргъæ вд æ мæ йе ’ммыггаг сырдты хуызæ н зыдта иуæ й-иу фæ змæ н митæ. Зæ гъæ м, тынг дæ сны æ мæ æ нцонæ й цыд йæ фæ стæ гтыл. Уыимæ æ мхуызон хорз арæ хст, куыд размæ, афтæ фæ стæ мæ цæ уынмæ дæ р. Цагъта гуымсæ гыл, цыди даргъ лæ дзæ гимæ, лæ гтимæ æ хсызгонæ н куыроймæ хаста тæ ккæ уæ ззаудæ р голджытæ, йæ гоппыл-иу мæ лхъы сис кæ нæ хъæ мпы бардз кæ мæ н уыд, ахæ м цъупхуд йæ сæ рыл куы ’ркодта, уæ д-иу адæ м худæ гæ й мардысты.

Фæ лæ ахæ м рæ стæ г ралæ ууыд, арс йæ хи сырд кæ д схуыдта æ мæ, йæ райгуырдæ й фæ стæ мæ фынæ й чи уыд, уыцы æ нкъарæ нтæ кæ д райхъал сты. Мæ мады хотæ м куы ’рбацыдтæ н, уымæ й чысыл раздæ р æ рмахуыр Сганарель ракодта цалдæ р фыдбылызы, уыимæ — иуæ й иннæ уæ ззаудæ р.

Сганарелы фыдракæ нддзинæ дтæ райдыдтой хъазæ й: бавдæ лд, æ мæ йын йæ базыр рарæ дывта. Уый фæ стæ йæ уæ ззау дзæ мбыйæ, йæ мады фæ дыл чи фæ цæ йтахт, уыцы байрагæ н ахæ м цæ ф ныккодта, æ мæ йæ астæ уыстæ г асаст. Æ ппынфæ стаг, йæ зæ рдæ мæ нæ фæ цыдысты куырм зæ ронд лæ г æ мæ йæ чи фæ цæ йхуыдта, уыцы лæ ппу æ мæ сæ митыл фæ ралас-балас кодта. Кæ мæ н дзы, мæ гуыр, йæ къух асаст, кæ мæ н — йæ къах.

Куырм лæ г æ мæ йе ’ххуысгæ нæ джы рынчындонмæ ласын бахъуыд, Сганарелы та дзыхъхъы ныппарын. Уырдыгæ й та уыдис æ рмæ стдæ р иу рацæ уæ н — мæ лæ тмæ...

Изæ рæ й нын Аннæ нæ дзаумæ ттæ куы ласта, уæ д нын радзырдта, Сганарелæ н, дзыхъмæ йæ куы кодтой, уæ д ын куыд тæ ригъæ д кодтой, уыцы хабæ рттæ. Храпон, арсы былыл цы æ фсæ н цæ г уыд, уымæ дæ р нæ бавнæ лдта, схуыст ныхас нæ, фæ лæ йæ м знæ т цæ стæ й дæ р нæ бакаст, æ рмæ ст æ нæ бон хъæ лæ сæ й загъта:

— Цом мемæ.

Арс сыстад æ мæ лæ ппуимæ араст. Худæ г цы уыди — йæ хъæ мпын худ райста æ мæ, Храпоны æ рбахъæ быс кæ нгæ йæ, дыууæ хæ ларау дзыхъхъы онг фæ цыдысты.

Уæ вгæ хæ лæ рттæ, æ цæ гæ йдæ р, уыдысты.

Поделиться:





Воспользуйтесь поиском по сайту:



©2015 - 2024 megalektsii.ru Все авторские права принадлежат авторам лекционных материалов. Обратная связь с нами...