Главная | Обратная связь | Поможем написать вашу работу!
МегаЛекции

Фыццаг сæр. Дыккаг сæр




 

Лесков Николай
СЫРД

Радзырд

Ирон æ взагмæ йæ ратæ лмац кодта Дзасохты Музафер.
Мыхуыргонд уыдис «Ногдзау»-ы 1998 азы 2 æ мæ 3 номырты.

Фыццаг сæ р. 1

Дыккаг сæ р. 1

Æ ртыккаг сæ р. 2

Цыппæ рæ м сæ р. 2

Фæ ндзæ м сæ р. 3

Æ хсæ зæ м сæ р. 3

Æ вдæ м сæ р. 3

Æ стæ м сæ р. 4

Фарæ стæ м сæ р. 4

Дæ сæ м сæ р. 4

Иууæ ндæ сæ м сæ р. 5

Дыууадæ сæ м сæ р. 5

Æ ртындæ сæ м сæ р. 6

Цыппæ рдæ сæ м сæ р. 6

Фынддæ сæ м сæ р. 6

Æ хсæ рдæ сæ м сæ р. 7

 

Фыццаг сæ р

Мæ фыд йæ рæ стæ джы зындгонд слестгæ нæ гыл нымад уыд. Йæ бæ рны-иу йын бакодтой бирæ вазыгджын хъуыддæ гтæ æ мæ уымæ гæ сгæ нæ химæ арæ х нæ уыди. Хæ дзары-иу баззадыстæ м мæ мад, æ з æ мæ лæ ггадгæ нæ г. Мæ мад ма уæ д хæ рзæ рыгон уыди, æ з та — хæ рзкъаннæ г лæ ппу.

Цы хабары тыххæ й радзурынмæ хъавын, уыцы рæ стæ г мæ ныл цыдис æ дæ ппæ т фондз азы.

Уыди зымæ г, стæ й хуымæ тæ джы зымæ г нæ, фæ лæ тынг хъызт зымæ г. Ахæ м уазæ лттæ скодта, æ мæ -иу æ хсæ выгæ тты фыстæ скъæ тты ныссалдысты, сырддонцъиутæ æ мæ цъиæ хтæ та-иу тæ хгæ -тæ хын зæ хмæ хаудысты. Уыцы заман мæ фыд æ хсæ надон хъуыддæ гты фæ дыл уыдис Ельцыйы. Мæ мад, Цыппурсы бæ рæ гбонмæ дæ р не ’рбаздæ хдзæ н, уый куы базыдта, уæ д æ м сфæ нд кодта ацæ уын, цæ мæ й уыцы диссаджы хъæ лдзæ г бæ рæ гбоны иунæ гæ й ма баззадаид. Тынг уазал кæ й уыд, уымæ гæ сгæ мæ мæ мад ахæ м дард фæ ндагыл йемæ ахонынмæ базивæ г кодта æ мæ мæ йæ хомæ ныууагъта. Мæ мады хойы лæ г — орелаг пъамещик — адæ мыл хъуыстгонд уыд йе ’нахуыр хъуыддæ гтæ й. Уый уыд тынг хъæ здыг, зæ ронд æ мæ æ гъатыр. Хъуыстгонд уыд йæ фыд-зонд æ мæ æ гъатырдзинадæ й. Йæ уыцы миниуджытæ й ма суанг сæ рыстыр дæ р уыди. Нымадта сæ аиппытыл нæ, фæ лæ лæ гдзинад æ мæ хъæ батырдзинадыл. Ахæ м лæ гдзинад æ мæ ныфсыл ахуыр кодта йæ сывæ ллæ тты дæ р. Йæ цотæ й иу лæ ппу уыди ме ’мгар.

Мæ мады хойы лæ гæ й иууылдæ р æ мризæ джы рызтысты. Уæ лдай тынгдæ р дзы тарстæ н æ з. Уый, йæ цоты хуызæ н, мæ н дæ р хъæ батырдзинадыл ахуыр кодта. Иу хатт та, æ ртæ азы мыл цыд, афтæ рацыд æ вирхъау тыхджын къæ вда. Æ з æ нæ уи дæ р тæ рккъæ вдайæ тынг тарстæ н, мæ мады хойы лæ г та ма мыл балкъоны иунæ гæ й дуар сæ хгæ дта, цæ мæ й къæ вдайæ мауал тарстаин.

Ахæ м лæ джы хæ дзары цы зæ рдæ йыуагимæ æ хсæ виуат кодтаин, уый алчидæ р йæ цæ стытыл ауайын кæ нæ д. Уæ дæ æ дас кæ й нæ уыдтæ н, ууыл дæ р дзурын нæ хъæ уы, фæ лæ, куы зæ гъын, фондз азы йеддæ мæ мыл нæ ма цыд æ мæ, цы уавæ ртæ сæ взæ рд, уым мæ хъуыды нымады никæ мæ уыд.

Дыккаг сæ р

Мæ мады хойы лæ джы зæ ххыл уыди гæ нахæ нгæ с агуыридурæ й амад дынджыр хæ дзар. Хæ рдмæ бæ рзонд бæ ргæ фæ цыди, фæ лæ йæ м рæ сугъддзинадæ й ничи ницы раиртæ стаид. Дыууæ уæ ладзыгон тымбылсæ р стыр гуымирыарæ зт бæ стыхайы тыххæ й бирæ æ нахуыр хабæ рттæ дзырдтой. Кæ ддæ р дзы царди ныры пъамещичы зондцух фыд. Уый дæ р цæ мæ дæ р гæ сгæ нымад уыд тынг тæ ссагыл. Æ ппæ ты æ вирхъаудæ рыл та нымадтой, мæ сыджы уæ ллаг хай цы къæ лæ тæ нгæ с рудзынг уыд, уый. Йæ афтид фæ лгæ ты иу кæ ронæ й иннæ мæ райвæ зтæ уыд хъисфæ ндыры тæ гтæ æ мæ йæ цæ мæ дæ р гæ сгæ хуыдтой «Эолы фæ ндыр». Дымгæ -иу куы ракодта, уæ д-иу фæ ндыры тæ гтæ й ахæ м æ нахуыр мыртæ райхъуыст, æ мæ -иу адæ ймаг дисы бацыд. Раздæ р-иу уыдысты цыдæ р æ мыр гуыр-гуыры хуызæ н, стæ й-иу рахызтысты, тынгдæ р хъæ рзыны хуызæ н чи уыд, ахæ м знæ т уынæ ртæ м. Цæ стытыл-иу ауадысты тæ ссаг нывтæ: цыма-иу мылазон мигъты æ хсæ нты цавæ рдæ р тæ ссаг мæ ргътæ тарстхуызæ й фæ цæ йтахтысты, уый хуызæ н. Хæ дзары цæ рджытæ й фæ ндыры иу дæ р нæ уарзта. Афтæ сæ м каст, цыма тызмæ г хицауæ н цыдæ ртæ дзырдта æ мæ, фæ ндыры ныхмæ сдзурын йæ бон кæ й ницы уыд, уымæ гæ сгæ йæ тызмæ гдзинадыл æ фтыд.

Адæ м куыд нымадтой, афтæ мæ й-иу æ хсæ выгон дымгæ кæ нын куы райдыдта æ мæ -иу мæ сыджы сæ р фæ ндыры тæ нтæ куы базмæ лыдысты, йæ тасхæ ссæ г мыртæ -иу цæ дтæ æ мæ паркты сæ рты хъæ умæ тæ хын куы райдыдтой, уæ д-иу уыцы рæ стæ г æ лдар фынæ й никуы кодта. Райсомæ й та-иу сыстад тарæ рфыг æ мæ мæ стджынæ й. Йæ бирæ æ ххуырстытæ н-иу ахæ м бардзырдтæ радта, зæ рдæ хъæ рмттæ кæ мæ й кодтой.

Хæ дзары цæ рджытæ иууылдæ р зыдтой, цыфæ нды чысыл азым дæ р дзы кæ й никæ мæ н батайдзæ н. Аипп барст нæ уыд канд адæ ймагæ н нæ, фæ лæ ма суанг цыфæ нды чысыл цæ рæ гойæ н дæ р. Мæ мады хойы лæ гмæ фæ лмæ нзæ рдæ дзинад мелæ й фыст дæ р никуы уыд, нымадта йæ лæ мæ гъ адæ ймаджы миниуæ гыл. Хатыр кæ нын æ м тызмæ гдзинады цур ницы каст. Уымæ гæ сгæ ацы хæ дзары æ мæ йæ хъæ здыг хицауы дæ лбар уæ вæ г бирæ хъæ уты æ дзухдæ р адæ мы цæ сгæ мттæ уыдысты æ нкъард æ мæ сагъæ схуыз. Хуыздæ р уавæ ры сæ хи не ’нкъардтой сырдтæ дæ р.

Поделиться:





Воспользуйтесь поиском по сайту:



©2015 - 2024 megalektsii.ru Все авторские права принадлежат авторам лекционных материалов. Обратная связь с нами...