Главная | Обратная связь | Поможем написать вашу работу!
МегаЛекции

Дæсæм сæр




Мæ мады хойы лæ джы цуанæ ттæ сæ йраг штабæ й фæ хицæ н иу-дæ с адæ ймаджы æ мæ быдыр сæ сæ рыл ахастой.

Иу-дыууæ фондзыссæ дз санчъехы адард уыдаиккой, афтæ æ рлæ ууыдысты æ мæ миты бынæ й къахын райдыдтой, тынг ставд чи нæ уыд, ахæ м хъæ д. Махæ й йæ, дардæ й кæ сгæ йæ, уынгæ дæ р ничи фæ кодта.

Ацы хабæ рттæ цыдысты, Сганарель цы дзыхъхъы уыд, уый цур, фæ лæ мах дард уыдыстæ м æ мæ бæ лвырддзинæ дтæ раиртасын нæ бон нæ уыд.

Хъæ д схъил кодтой æ мæ йын йæ иу кæ рон дзыхъхъы ауагътой. Тынг къул нæ уыд æ мæ йыл арс æ нцонæ й схылдаид.

Хъæ ды иннæ кæ рон æ рæ нцад дзыхъхъы был æ мæ хæ рдмæ зынди иу адылийы бæ рц.

Иууылдæ р уырдæ м сæ каст скодтой æ мæ цымыдисæ й сæ хъус дардтой, дарддæ р цы уыдзæ н, уымæ. Дызæ рдыг ничи кодта, тагъд Сганарель кæ й фæ зындзæ н, ууыл, фæ лæ уый, æ вæ ццæ гæ н, хъуыддаг бамбæ рста æ мæ хъæ дмæ æ ввахс нæ цыд.

Уалынмæ йыл миты къуыбæ рттæ æ хсын райдыдтой, рæ хуыстой йæ цыргъбырынкъ лæ дзджытæ й. Сырды богътæ -иу райхъуыстысты, фæ лæ уæ ддæ р Сганарель дзыхъхъæ й уæ лæ мæ нæ хызт. Райхъуыст афтид гилдзы цалдæ р гæ рахы, фæ лæ арс йæ богътæ цы фæ тыхджындæ р кодта, æ ндæ р йæ хæ дæ г никæ цæ й зынд. Уалынмæ адæ мы æ рхъулайы фæ счъылдымæ й иу бæ хы ифтыгъдæ й рагæ пп ласта цъойы (сыл мæ нæ у) хъæ мпæ й дзаг фаджысласæ н хуымæ тæ г дзоныгъ.

Бæ х уыди бæ рзонд æ мæ мæ ллæ г. Мусæ й-иу холлаг ахæ мтыл ластой. Кæ д зæ ронд æ мæ мæ ллæ г уыд, уæ ддæ р згъордта хъæ лдым æ мæ пакабарцæ й. Зæ ронд бæ хы ныры цæ рдæ гдзинад кæ ддæ ры хъару æ мæ тыхыл дзырдта æ ви арсы тæ ф исты хуызы бамбæ рста æ мæ зæ ххыл уымæ н нал хæ цыд, уый зын раиртасæ н уыд. Цыфæ ндыйæ дæ р арсæ й мигъ йе уæ ны бадт æ мæ афтæ тагъд уымæ н згъордта. Кæ д ын бæ хтæ рæ г йæ згъæ ллаггомыл фæ стæ мæ фидар хæ цыд, уæ ддæ р æ й бæ х ницæ мæ дардта: йæ сæ р калмы сæ рау дыууæ рдæ м радав-бадав кодта.

Бынатмæ куы бахæ ццæ, уæ д хъæ мп ракалдтой, æ ртæ дихы йæ фæ кодтой, уыцы-иумæ сыл арт бандзæ рстой æ мæ йæ æ ртæ рдыгæ й дзыхъмæ ныккалдтой. Æ нæ арт ма баззад, хъæ д кæ цырдыгæ й уыд, уыцы хай.

Райхъуыст хъускъуырмагæ нæ г хъæ рзынæ мхæ ццæ богъ-богъ, фæ лæ уæ ддæ р арс зынæ г никуыцæ й уыд.

Махмæ хъус-хъус æ рбахæ ццæ зæ рдæ риссæ н хабар: Сганарелыл, дам, зынг сирвæ зт æ мæ, йæ хæ мхуттæ йæ дзæ мбытæ й бамбæ рзгæ йæ, артмæ æ ппæ ты дарддæ р цы къуым уыд, уым ныттымбыл.

Хъæ мп цы бæ хыл æ рбаластой, уый фæ стæ мæ ныййарц. Иууылдæ р æ нхъæ л уыдысты, хъæ мп ласынмæ та йыл цæ уынц, зæ гъгæ. Адæ мы æ хсæ н уайдзæ фгæ нджытæ фæ зындис, цуаны разамонджытæ рагацау хъæ мп, цас æ мбæ лди, уыйбæ рц кæ й не ’рцæ ттæ кодтой, уый тыххæ й. Мæ мады хойы лæ г фырмæ стæ й цæ хæ ртæ калдта, къухæ й цыдæ ртæ амыдта, кæ мæ дæ р хæ цыди, фæ лæ, цы дзырдта, уый дзолгъо-млогъойæ нæ хъуыст. Ноджы адæ мы хъæ рахстмæ куыйтæ дæ р сагъуыдысты æ мæ сæ хъыллист æ мæ ехсыты цъыччытæ м иу ныхасæ н дæ р равзарæ н нæ уыд.

Бæ стæ сæ мхæ ццæ. Цас рæ стæ г рацыдаид, Хуыцау йæ зонæ г, фæ лæ та уæ дмæ бæ х фæ стæ мæ фæ зылд, æ рмæ ст ацы хатт хъæ мпы бæ сты дзоныгъ ласта Ферапонты.

Мæ мады хойы лæ джы бардзырдмæ гæ сгæ хъуамæ Храпошкæ йы дзыхъхъы ауагътаиккой, цæ мæ й дзы йæ хæ дæ г йе ’мбалы схуыдтаид æ мæ йæ мæ лæ ты фæ ндагыл арвыстаид.

Поделиться:





Воспользуйтесь поиском по сайту:



©2015 - 2024 megalektsii.ru Все авторские права принадлежат авторам лекционных материалов. Обратная связь с нами...