Главная | Обратная связь | Поможем написать вашу работу!
МегаЛекции

Фарæстæм сæр




Ралæ ууыд Цыппурс. Не ’ппæ тыл уыд бæ рæ гбоны дарæ с, афтæ мæ й хъомылгæ нджытимæ рацыдыстæ м цай цымынмæ. Залы нæ бирæ хæ стæ джытæ æ мæ уазджытæ й уæ лдай уыдысты дины кусджытæ дæ р: сауджын, диакъон æ мæ йæ дыууæ æ ххуысгæ нæ джы.

Мæ мады хойы лæ г куы ’рбацыд, уæ д дины кусджытæ базарыдысты «Чырысти райгуырд». Уый фæ стæ бавнæ лдтам цай цымынмæ, стæ й рог аходæ ны фæ стæ дыууæ сахатыл æ рбадтыстæ м бæ рæ гбоны рагагъоммæ йы сихоры фынгыл. Сихоры хæ дфæ стæ хъуамæ араст уыдаиккам Сганарелы марынмæ. Фæ стиатгæ нæ н нæ уыд, уымæ н æ мæ афæ дзы уыцы афон раджы фæ талынг кæ ны, талынджы та арсæ н хъæ дмæ аирвæ зынæ й тæ ссаг уыд.

Куыд бауынаффæ кодтой, афтæ йæ м æ ххæ ст кæ нынмæ дæ р бавнæ лдтой. Мах фынгæ й нæ дзаумæ ттæ ивынмæ акодтой, цæ мæ й нæ уый фæ стæ, Сганарелы кæ м мардтаиккой, уырдæ м аластаиккой. Скодтой ныл нæ тæ рхъусдзарм кæ рцытæ, сæ гъы хъуынæ й конд тымбылуафсджын хъуынджын цырыхъхъытæ æ мæ нæ ахуыдтой дзоныгъты бадынмæ. Уæ дмæ хæ дзармæ дыууæ бацæ уæ ны лæ ууыди нывæ фтыд гауызтæ й æ мбæ рзт, æ ртыгай бадæ нтæ кæ м уыд, ахæ м бирæ дзоныгътæ. Сæ фарсмæ мæ мады хойы лæ джы англисаг бур саргъы бæ хы рохтыл хæ цыдысты дыууæ æ ххуырсты. Бæ хы ном хуынди Къуыдипп.

Мæ мады хойы лæ г рацыд йæ рувасдзарм цыбыр кæ рц æ мæ рувасдзарм хъусджын цъупхуды. Куыддæ р сау арсдзармæ й æ мбæ рзт саргъыл сбадт, афтæ нæ дæ ргъæ й-дæ ргъмæ поезд йæ бынатæ й фезмæ лыд. Дæ с æ ви фынддæ с минуты фæ стæ бахæ ццæ стæ м, арсæ н мæ лæ ты тæ рхон æ ххæ стгонд кæ м хъуамæ æ рцыдаид, уыцы бынатмæ æ мæ æ рлæ ууыдыстæ м. Митæ й æ мбæ рзт уæ рæ х æ мæ лæ гъз быдырыл æ рхъула сты дзоныгътæ. Быдырыл цæ джы хуызæ н æ ртыхстысты уæ лбæ х цуанæ ттæ. Дард кæ мдæ р се ’рхъула фæ уд кодта хъæ дыл.

Хъæ дрæ бын хъуамæ æ рæ мбæ хстаиккой Флегонт æ мæ Храпошкæ. Æ мбæ хсæ н бынæ ттæ нæ зындысты, иуæ й-иу рæ тты зына-нæ зына бæ рæ г дардтой хъавæ н бынæ ттæ. Уыдонæ й иуыл хъуамæ хъавджытæ й исчи йæ топп æ рæ вæ рдтаид æ мæ дзы фехстаид Сганарелы.

Арс цы дзыхъхъы уыди, уый дæ р ничи уыдта æ мæ мах нæ цæ стæ нгас æ рæ вæ рдтам рæ сугъд цуанæ ттыл. Уыдонæ й алкæ мæ ндæ р йе ’фцæ гыл ауыгъд уыд алыхуызон аив хæ цæ нгæ рзтæ: шведаг Штрабустæ, немыцаг Моргенраттæ, англисаг Мортимертæ æ мæ варшавæ йаг Колеттæ.

Мæ мады хойы лæ г, йæ бæ хыл бадгæ йæ, лæ ууыди цæ джы разæ й. Йæ къухмæ йын радтой, дыууæ налатдæ р «цъулберы» иумæ баст кæ уыл уыдысты, уыцы бæ ттæ ны кæ рон, сæ размæ сын æ рæ вæ рдтой урс къухмæ рзæ н.

Аххосджын Сганарелы маргæ йæ цы æ рыгон куыйты сфæ лтæ рынмæ хъавыдысты, уыдон уыдысты æ нæ кæ рон бирæ. Сæ хи дардтой тынг схъæ л. Лæ ууыдысты уыцы агæ ппæ ввонгæ й, уромæ г сæ уромын нæ фæ рæ зта. Хъуыст сæ хъыллист, рæ йдтой, архайдтой размæ гæ пп кæ ныныл, бæ хты алыварс-иу æ рзылдысты. Бæ хтыл бадтысты, сæ рмагонд уæ лæ дарæ с кæ уыл уыд, уыцы куыйтæ мзилджытæ. Уыдон иудадзыг æ взыстой сæ цыбырхъæ д даргъæ взагджын ехсытæ й æ гоммæ гæ с куыйтæ м. Архайдтой, цæ мæ й сæ бынаты лæ ууыдаиккой. Куыйтæ сæ æ рдзон æ нкъарæ нты фæ рцы æ мбæ рстой, сырдмæ ныббырсыны рæ стæ гмæ бирæ кæ й нал хъæ уы æ мæ сæ бæ ттæ нтæ тоныныл архайдтой.

Æ рхæ ццæ Сганарелы дзыхъхъæ й рауадзыны æ мæ акъуыхтæ кæ ныны рæ стæ г.

Мæ мады хойы лæ г урс къухмæ рзæ н зæ ххæ й фелвæ ста æ мæ йæ уæ лдæ фы батилгæ йæ, сдзырдта: «Размæ! »

Поделиться:





Воспользуйтесь поиском по сайту:



©2015 - 2024 megalektsii.ru Все авторские права принадлежат авторам лекционных материалов. Обратная связь с нами...